Хуссар Иры гӕнӕй пайда кӕныны тыххӕй ӕрцахстой цыппар цӕрӕджы

Рафыссын
Цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕнынц Дзауы районы ӕмӕ Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайадтӕ

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрцахстой цыппар цӕрӕджы наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Куст конопли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын кӕныны тыххӕй

Фыдгӕнджыты ӕрцахстой "наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй административон ӕмӕ уголовон бӕрны фӕдыл" закон фехалыны тыххӕй.

"Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, ӕмбӕстӕгтӕ кӕй пайда кодтой наркотикон буарад "гӕн"-ӕй", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕнынц Дзауы районы ӕмӕ Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0