Ахуыргӕнӕндӕтты равдыст: ХИПУ хистӕркурсонтӕн радзырдтой Уӕрӕсейы ахуыры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци ХИПУ-йы
Уӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг сӕйраг университетты минӕвӕрттӕ радзырдтой фӕсарӕйнаг студентты ахуыры уавӕртӕ ӕмӕ фадатты тыххӕй уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Цхинвалы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университы ацыд уӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци "Образование в России — старт успешного будущего", кӕцы сорганизаци кодта Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центр ахуырады фӕдыл ӕмгуыстады агентад Russia.Study-имӕ иумӕ.

Хистӕркурсонтӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн раарфӕ кодта кодта Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов, кӕцы банысан кодта УФ ахуыргӕнӕндӕтты стыр ӕмвӕзад.

"Сымах хъуамӕ ӕмбарат, уӕлдӕр ахуырад кӕй исут ӕрмӕст уӕхицӕн нӕ, фӕлӕ ма уӕ паддзахады хӕрзӕбонӕн дӕр. Уӕрӕсейаг ахуырад та у иттӕг хорз фадат  егъау фӕстиуджытӕ райсынӕн", — загъта уый.

Афтӕ ма презентацийы рӕстӕджы раныхас кодта Russia.Study-йы ӕхсӕнадӕмон рекрутингы фӕдыл директор Антон Кобзарев.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци ХИПУ-йы
Выставка-презентация российских ВУЗов в ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци ХИПУ-йы

"Уӕрӕсейаг ахуырад дӕтты перспективӕтӕ фидӕнӕн. Абитуриенттӕн гом сты 500 университеты дуӕрттӕ, ӕмӕ сын ис фадат уӕлӕмхас ахуырӕн дӕр", — радзырдта Антон Кобзарев.

Равдысты ма уыдысты Уралы Федералон университет, Менделеевы номыл Уӕрӕсейаг химико-технологон университет ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны университетты минӕвӕрттӕ. УФУ-йы минӕвар Сергей Федореев зӕрдӕскъӕфт фӕцис Хуссар Ирыстонӕй ӕмӕ йӕ раныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕ уыдзӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ алыгъуызон инвестицитӕн фидӕны.

Федореев радзырдта, университет кӕй ис Екатеринбурджы, ӕмӕ дзы ныртӕккӕ ахуыр кӕны 35 мин студенты, кӕцытӕй ӕртӕ мин сты фӕсарӕйнаг студенттӕ 75 бӕстӕйӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци ХИПУ-йы
Выставка-презентация российских ВУЗов в ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци ХИПУ-йы

Афтӕ ма сӕ университеттӕ спрезентаци кодтой равдысты ӕндӕр хайадисджытӕ дӕр.

Равдысты кӕрон студенттӕ дӕттой фарстытӕ университеттӕм бацӕуыны тыххӕй. Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ загътой бузныг ахуыргӕнӕндӕтты минӕвӕрттӕн информаци ӕмӕ цымыдисон презентацийы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0