Дзауы скъолатæ æмæ сабидæттæн уарынц сæхи районы æрзайгæ картоф

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæКартоф
Картоф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Картоф байуæрстой районы скъолаты æмæ сабидæттыл, стæй ма æххуысхъуаг бинонтыл

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы дыууæ хъæуы æрæмбырд кодтой картофы тыллæг. Тыллæг уæрст цæуы ахуырадон уагдæттыл æмæ æххуысхъуаг бинонтыл, фехъусын кодтой районы пресс-службæйы.

Картоф æркодтой Църу æмæ Итраписы быдырты. Ӕнхъæлмæ кастысты хуыздæр фæстиуджытæм, фæлæ боныгъæд бандæвта тыллæджы гъæдыл.

"Уалдзæджы Дзауы районы администраци картофы тауинаг балхæдта æмæ ныссагъта цалдæр хъæуы быдырты. Иу мæйы дæргъы районы администрацийы кусджытæ бакуыстой тыллæг æрæмбырд кæныныл. Картоф байуæрстой районы скъолаты æмæ сабидæттыл, стæй ма æххуысхъуаг бинонтыл", — загъта пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Уый ма банысан кодта, районы хистæр Махъоты Уырызмæг ныфс кæй дæтты иннæ аз картофæй сагъд быдыртæ фæфылдæр кæнынæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0