Бибылты Анатолий Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрадӕн: сӕрыстыр уӕ дӕн

© Sputnik / Пресс-служба президента РЮО.Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Бибылты Анатолий загъта бузныг Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтӕн, кӕцытӕ хайад истой Абхазы Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады боныл 25 азы сӕххӕсты цытӕн парады, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады агъуысты.

© Sputnik / Пресс-служба президента РЮО.Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы
Анатолий Бибилов посетил военный парад в Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады парадон къорд фыццаг хатт хайад райста ӕфсӕддон парады Сухумы. Хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонты хайадисты фӕдыл юбилейон парады Абхазы столицӕйы бадзырдтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынадон уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим ӕмӕ ӕфсады инӕлар Мираб Кишмария. Хъӕппӕрис хорзыл банымадтой дыууӕ бӕстӕйы лидертӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Рауль Хаджимба.

© Sputnik / Пресс-служба президента РЮО.Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы
Анатолий Бибилов посетил военный парад в Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы

Бибылты Анатолий банысан кодта парадон къорды цӕттӕкӕнынады бӕрзонд ӕмвӕзад.

"Ӕз сӕрыстыр дӕн сымахӕй, афтӕ бӕрзонд кӕй систат Ирыстоны тырыса, ӕмӕ уӕхи аккаг кӕй равдыстат парады. Уый фӕдыл мӕ фӕнды зӕгъын бузныг сымахӕн. Уӕ хайадист парады у лӕвар Абхазы адӕмӕн ӕрвадон ирон адӕмӕй", — банысан кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Афтӕ ма президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад кӕй истой Абхазы адӕмы Фыдыбӕстон хӕсты.

© Sputnik / Пресс-служба президента РЮО.Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы
Анатолий Бибилов посетил военный парад в Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ, кӕцытӕ хайад истой ӕфсӕддон парады Сухумы

Хуссар Ирыстоны парадон къордӕн бузныг загъта Абхазы хъахъхъӕнынады министр Мираб Кишмария.

"Стыр бузныг Хуссар Ирыстонӕн сӕ ахасты тыххӕй, бузныг ирон адӕмӕн сӕ хъаруйы тыххӕй 2008 азы. Хӕдбардзинад, кӕцы ис абон махӕн, у уӕ сгуыхтдзинад, ирӕттӕ. Мах сӕрыстыр стӕм, абон сымах ам кӕй стут", — загъта Мираб Кишмария.

1993 азы 30 сентябры Абхазы ӕфсад ссӕрибар кодта бӕстӕ Гуырдзыстоны ӕфсӕдтӕй. Гуырдзыстоны ныхмӕ хӕсты абхазӕгтӕй фӕмард 3,5 мин адӕймаджы, фондз мин фӕцӕфтӕ сты, дыууӕ сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр та сты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0