Уæлахизы юбилеймæ: Абхазы тырыса "схызт" Зилгӕ-хохмæ

© Sputnik / Из архива Марата БагаеваЗилæ-хохмæ сцыд
Зилæ-хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсымæрон республикæйы Хæдбардзинад æмæ Уæлахизы боны цытæн альпинистты къорд схызт Ирыстоны бæрзонд хæхтæй иумæ

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг альпинистты иу къорд Абхазы Хæдбардзинад æмæ Уæлахизы 25 юбилейы цытæн схызт Хуссар Ирыстоны бæрзонддæр хæхтæй иу – Зилгæ-хохмæ. Паддзахады сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ, хохы бæрзæндыл æрсагътой дыууæ республикæйы тырысатæ, фехъусын кодта Sputnik сцыды организатор Багаты Марат.

Экспедицийы архайдтой цыппар адæймаджы, се ʻхсæн уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы кусæг Абайты Алан, ПӔК-ы дыууæ кусæджы æмæ къорды къухдариуæггæнæг, мидхъуыддæгты министры æххуысгæнæг Багаты Марат.

"Ирон æгъдаумæ гæсгæ мах æртæ уæлибых æмæ бæгæныйæ скуывтам Стыр Хуыцаумае Абхазы размæцыд æмæ дидинкалдæн. Зилгæ-хохы бæрзæндыл æрсагътам дыууæ паддзахадон тырысайы", — загъта Багаты Марат.

 Уый ма радзырдта, хохыл кæй ссардтой, бæрзæнд сæ размæ чи басаста, уыдон ныстуан.

© Sputnik / Из архива Марата БагаеваФыстæг Зилгæ-хохыл
Фыстæг Зилгæ-хохыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыстæг Зилгæ-хохыл

"Мах ссардтам, 2002 азы ацы бæрзæндмæ чи схызт, уыдон  фыстæг. Уæд схызт нывонд уыд Бестауты Балайы фырт Бегайæн. Фыстæгæй бæрæг у, сæ размæ та Зилгæ-хохы  цъуппыл кæй уыд Гасситы Петры сæргълæудæй къорд", — бафтыдта уый.

Зилгæ-хох ис Кавказы æфцæгыл денджызы æмвæзадæй 3853 метр бæрзондæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0