Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры хайад исынц егъау ахуырты

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕсты ног формӕтӕй спайда кӕндзысты масштабон ахуырты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хуссары

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Ирыстоны спайда кӕндзысты хӕсты ног уавӕртӕ ӕмӕ формӕтӕй егъау ахуырты Уӕрӕсейы хуссары, хъусын кӕны РИА Новости. Афтӕ ма ӕфсӕддонтӕ спайда кӕндзысты Сирийы хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй, банысан кодта Хуссар федералон зылды ӕфсады командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников.

Военные учения ЮВО на Северном Кавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфсӕддон ахуырты интенсивондзинад Хуссар Иры базӕйы фӕфылдӕр дыууӕ хатты

"Ӕфсӕддон зылды сӕйраг тыхтӕ хайад исынц ахуырон мадзӕлтты. Ацы ахуырты спайда кӕндзысты хӕсты ног формӕтӕ ӕмӕ уавӕртӕй, сӕйраджыдӕр, Сирийы райсгӕ фӕлтӕрддзинадӕй", — загъта Александр Дворников.

Къуырисӕры Хуссар федералон зылды 49-ӕм ӕмӕ 58-ӕм ӕфсӕдты, кӕцытӕ сты Хуссар Ирыстон, Ставрополь, Кубань, Дагестан ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕфсӕддон базӕты, сыстын кодтой фӕдисы.

Ахуырты хайад исынц 8,5 ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 2 мин иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0