Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг радта хорзӕх йӕ абхазаг коллегӕйӕн

© Пресс-служба МИД РЮОВстреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия Дмитрия Медоева с Министром иностранных дел Республики Абхазия Дауром Кове
Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия Дмитрия Медоева с Министром иностранных дел Республики Абхазия Дауром Кове - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий банысан кодта Абхазы ФХМ сӕргълӕууӕджы хайбавӕрд ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий радта йӕ абхазаг коллегӕ Даур Ковейӕн РХИ ФХМ майдан "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады хайбавӕрды фӕдыл". Министрты фембӕлд сӕххӕст ис Абхазы 3 октябры, хъусын кӕны ӕддагон политикӕйы уагдоны пресс-службӕ.

Акция памяти: Гергиевская лестница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рауль Хаджимба: Абхаз Хуссар Иримӕ хъынцъым кӕны 2008 азы амӕттӕгты тыххӕй

Медойты Дмитрий раарфӕ кодта Даур Кове ӕмӕ Абахазы ФХМ-ӕн Абхазы Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады боны цытӕн, афтӕ ма бахахх кодта, дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн кӕй ис хӕларадон ахастытӕ.

Кове банысан кодта, зӕгъгӕ, ахсджиаг у дарддӕр дӕр фидар кӕнын Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы адӕмы ӕхсӕн ахастытӕ. Афтӕ ма фембӕлды рӕстӕджы министртӕ ӕрдзырдтой Женеваг дискусситы боны фӕткыл.

Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг дыууӕварсон ахастыты егъау хайбавӕрды тыххӕй радта Абхазы Рӕстдинон Аргъуаны сӕргълӕууӕг Виссарион Аплиайӕн дӕр хорзӕх.

Ног хабӕртты лентӕ
0