"Симд" æмæ "Алан" ратдзысты иумæйаг концерт Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Фатима ПлиеваДзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл афишæ "Симд" æмæ "Аланы" иумæйаг концерты тыххæй
Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл афишæ Симд æмæ Аланы иумæйаг концерты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал æххæст цæуы культурон æмархайды нывæзт "Мост дружбы"-йы фæлгæтты

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны дыууæ хайы сæйраг паддзахадон ансамбльтæ "Симд" æмæ "Алан" ратдзысты иумæйаг концерт Дзæуджыхъæуы, фехъусын кодта Sputnik Галаты Борисы номыл РХИ кафт æмæ зарды ансамбль "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

Концерт государственного ансамбля Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уарзæгой Маштибат: "Симд" сæвæрдта ног кафт

"Цæгат Кавказы республикæты ансамбльты ʻхсæн культурон бастдзинæдтæ сфидар кæныны нысанæн коллективтæ дæттынц иумæйаг концерттæ. Ирыстоны дыууæ хайы сæйраг къордтæ дæр ратдзысты иумæйаг концерт Дзæуджыхъæуы Тæбæхсауты Балойы номыл Ирон театры. Мадзал ацæудзæн дыууæ хаййæ, дыккаджы архайдзæн цхинвайлаг ансамбль", — загъта Гаглойты Кристина.

Уый ма радзырдта, фæстæдæр ма кæй хъавынц æндæр коллективтимæ дæр саразын иумæйаг концерттæ.

Культурон форум Ирон театры сценæйыл ацæудзæн 22 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0