Мӕскуыйы ирӕттӕ хайад райсдзысты фыццаг ирон марафон "Сила дружбы"-йы

© IRISTONПервый Осетинский полумарафон в Москве "Сила Дружбы"
Первый Осетинский полумарафон в Москве Сила Дружбы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал аразы Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады культурӕ ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитет

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Фыццаг ирон ӕрдӕгмарафон ацӕудзӕн Мӕскуыйы сабаты, хъусын кӕны Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады пресс-службӕ.

Ӕрдӕгмарафоны программӕйы ис згъорд дӕс километр дистанцимӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн. Згъорд уагъд цӕудзӕн сабаты "Сокольники" парчы.

Хӕрзаудӕн згъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik балӕууыд хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы фарс

Мадзал аразы Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады культурӕ ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитет.

"Згъорды хайд райсыны бар ис ирӕттӕЙ алкӕмӕндӕр, кӕцытӕ цӕрынц Мӕскуы, кӕнӕ Мӕскуыйы областы. Згъорды хайад райсыны тыххӕй хъӕуы развӕлгъау ацӕуын регистраци ӕмӕ райсын хайадисӕджы номыр", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Мадзалы рӕстӕджы ма ацӕудзӕн концерт дӕр — хайадисджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ирон зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ. Згъорды уӕлахиздзаутӕн ратдзысты зынаргъ лӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0