Хуссар Ир къуырисӕры аззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй

© Sputnik / Артем Креминский /  Ахизын медиабанкмæОбесточенные высоковольтные линии
Обесточенные высоковольтные линии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты "Цӕгаттаг портал" дӕлстанцыл куыстыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги нал цӕудзӕн къуырисӕры, 15 октябры, 09.00-ӕй 18.00 сахатмӕ "Цӕгаттаг портал" дӕлстанцыл куыстыты тыххӕй. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс — Хуссар Ирыстон"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.

"Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты "Цӕгаттаг портал" дӕлстанцыл ӕмӕ "Цӕгатагт портал — Дзау" электрондыхы хаххыл куыстыты тыххӕй", — радзырдта Гӕбӕраты Анатолий.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0