Аланийæ Аламиайæн: Абхазаг поэты рахицæн кодтой Нафийы премийæ

© Sputnikпоэт Геннадий Аламиа
поэт Геннадий Аламиа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сфæлдыстадон кусæгæн хæрзиуæг ратдзысты Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр" абхазаг æвзагмæ раивыны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Абхазаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Геннадий Аламиа хорзæхджын æрцæудзæн Джусойты Нафийы премийæ. Сфæлдыстадон кусæгæн хæрзиуæг ратдзысты Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр" абхазаг æвзагмæ раивыны тыххæй, фехъусын кодта Sputnik хæрзаудæн фонд "Амонд"-ы разамонæг Челехсаты Хъазбег.

Премия им. Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Майдан, æхца æмæ уæлахиздзауы ном: расидт æрцыд Нафийы номыл æртыккаг преми

Джусойты Нафийы номыл премитӕ Цхинвалы лæвæрд цæудзысты æртыккаг хатт майрæмбоны, 12 октябры. Мадзалмӕ хуынд цӕуынц зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, Парламенты депутаттӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ, студенттӕ, мыхуыры фӕрӕзты минӕвӕрттæ.

"Университеты актон залы уагъд цӕудзӕн цытджын мадзал, цыран ирон фысджыты хсӕн конкурсы уӕлахиздзаутӕй æртæйæн лӕвӕрд цӕудзысты Джусойты Нафийы премитæ. Хетӕгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд "Ирон Фӕндыр" абхазаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уый тыххӕй сӕрмагонд премийӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзӕн зынгӕ абхазаг поэт ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Геннадий Аламия", — загъта Челехсаты Хъазбег.

Хӕрзаудӕн фонд "Амонд" Джусойты Нафийы номыл æрвылазон аив литературон конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы кӕрон. Преми лæвæрд цæуы ныр æртыккаг хатт. Фонд сарæзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.

Ног хабӕртты лентӕ
0