Бензины гъӕд ӕмӕ ӕртаджы ӕргътыл ӕрдзырдтой Sputnik-ы

© Sputnik / Ада БагианБензин
Бензин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ арӕхдӕр хъаст кӕнынц ӕртаджы гъӕдӕй - проблемӕйы аскъуыддзагыл ӕрдзырдтой Хъотайты Марияйы радон брифингы рӕстӕджы Sputnik пресс-центры

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Алы автомобилон ӕртаг дӕр, кӕцы ӕрласынц Хуссар Ирыстонмӕ, ацӕуы цалдӕр анализ йӕ гъӕды тыххӕй, фехъусын кодта Хъотайты Марийы брифингы рӕстӕджы Sputnik пресс-центры нефтебазӕйы хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Джыгкайты Сослан.

© Sputnik / Наталья АйриянХъотайты Марияйы брифинг
Брифинг Марии Котаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъотайты Марияйы брифинг

Фӕстаг бонты социалон хызӕгты адӕм хъаст кӕнынц республикӕйы бензины гъӕдӕй — пайдагӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕ хӕдтулгӕтӕ дӕр хӕлынц ӕвзӕр бензины тыххӕй.

"Ӕртаджы алкӕцы ӕрласт дӕр ацӕуы анализтӕ. Афтӕ анализтӕ гӕнӕн ис райсой уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл дӕр. Мӕ бон у зӕгъын, махмӕ кӕй ис Дзӕуджыхъӕуккаг ӕртаджы станцты хуызӕн бензин. Алкӕцы ӕмбӕстагӕн дӕр, кӕцы гуырысхо кӕны бензины гъӕдыл, йӕ бон у немӕ рацӕуын ӕмӕ фенын бензины ӕрласт ӕмӕ реализацийы процесс", — загъта Джыгкайты Сослан.

Республикӕйы ӕртаджы сӕйраг ӕввонггӕнӕг у паддзахадон унитарон куыстуат Югосетнефтепродукт, кӕцы ӕмгуыстад кӕны уӕрӕсейаг компани "Роснефть"-имӕ.

Цхинвалы ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг шофыртӕ та хъаст кӕнынц бензины гъӕдӕй

Ныртӕккӕ куыстуат ӕлхӕны АИ-92 маркӕ бензин ӕмӕ дизелон ӕртаг.

Афтӕ ма Джыгкайты Сослан фехъусын кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы ӕртаджы фӕлхас фылдӕр кӕны. 2017 азы авд мӕймӕ ауӕй кодтой 1,5 мин тонны ӕртаг. 2018 азы та уыцы рӕстӕгмӕ ауӕй кодтой 2,5 мин тонн. Ӕртаджы фӕлхас кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй паддзахады бюджетмӕ дӕр райдыдта цӕуын фылдӕр фӕрӕзтӕ.

Джыгкайты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, куыстуаты фӕнды саразын ног ӕртаджы станц, кӕцы баивдзӕн зӕронды.

Ныртӕккӕ республикон нефтебазӕйы бензины литр у 40 сомы паддзахадон уагдӕттӕн ӕмӕ 38 сомы та сӕрмагонд клиенттӕн. Дизелон ӕртаджы литр та у 46 сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0