Ирӕттӕ размӕ: Гасситы Мурӕт нысан кӕны юбилей

© Sputnik / Евгения НовоженинаМурат Гассиев и Александр Усик - открытая тренировка в Москве
Мурат Гассиев и Александр Усик - открытая тренировка в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Социалон хызӕгты ирон боксерӕн арфӕ кӕнынц фанаттӕ, спортсментӕ, политиктӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Козаты Диана. IBF ӕмӕ WBA верситӕй дунейы раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт майрӕмбоны нысан кӕны йӕ 25 азы юбилей.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт хаты, цӕмӕй йӕ чемпион мауал хоной

Боксер райгуырд Ирыстоны ӕмӕ йӕ чысыл рӕстӕгмӕ бауарзтой алы кары адӕм дӕр, спорт ӕмӕ боксӕй дард чи сты, уыдон дӕр. Йӕ фанаттӕ иууылдӕр-иу ӕнхъӕлмӕ кастысты йӕ тохтӕм, йӕ уӕлахизтӕ та нысан кодтой куыд паддзахадон бӕрӕгбон Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.

Боксы тренертӕ банысан кодтой, зӕгъгӕ, Мурӕт дунейы чемпион куы ссис, уӕд сывӕллӕттӕ зӕрдиагӕй райдыдтой цӕуын боксы секцитӕм.

Ацы аз июлы Гасситы Мурӕт фембылд украинаг Александр Усикӕн, фӕлӕ йӕ адӕм уӕддӕр тынг бирӕ уарзынц. Ӕнӕхъӕн бон социалон хызӕгты адӕм арфӕ кӕнынц спортсменӕн.

"Ацы лӕппу цы сарӕзта йӕ мыггаг, адӕм ӕмӕ бӕстӕйӕн 25 азмӕ, уый бирӕтӕ нӕ сарӕзтаиккой ӕртӕ цардмӕ дӕр! Мӕ цӕст уарзы дӕуӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн ӕнӕниздзинад ӕмӕ хорздзинад! Арфӕ дын кӕнын дӕ гуырӕнбоны цытӕн", — ныффыста Facebook-ы йӕ официалон фарсыл Цӕгат Ирыстоны хицауады раздӕры сӕрдар Тӕкъоты Сергей.

Зындгонд боксерӕн раарфӕ кодта Уӕрӕсейы боксы федерацийы президент Умар Кремлев дӕр, кӕцы амӕйразмӕ загъта, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕты у Уӕрӕсейы хуыздӕр боксер.

Афтӕ ма ирон боксерӕн раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

"Арфӕ дын кӕнын дӕ гуырӕнбоны цытӕн, ме'фсымаер!!!", — ныффыста президент социалон хызӕг Facebook-ы йӕ официалон фарсыл.

Гасситы Мурӕтӕн раарфӕ кодта йӕ фанаттӕ дӕр социалон хызӕг Instagram-ы.

 

"Абон райгуырд диссаджы адӕймаг. Арфӕ дын кӕнӕм ӕмӕ дын нӕ цӕст уарзы, цӕмӕй дӕ алы бон дӕр уа ирд", — ныффыстой murat_gassiev_fan_1 фарсыл.

Sputnik Хуссар Ирыстон дӕр арфӕ кӕны ирон боксерӕн ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ ног ирд уӕлахизтӕм.

Гасситы Мурӕт йӕ юбилей нысан кӕны Екатеринбурджы, цы ранмӕ уый ӕрцыд цӕмӕй бакӕса йӕ ӕмбӕстонтӕ Миша Алоян ӕмӕ Руслан Фаферы тохтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0