Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг адавтой Цхинвалы цӕрӕджы ӕхцатӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнджытӕ басастысты сӕ фыдракӕндыл

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Козаты Диана. Барадхъахъхъӕнджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзарӕй ӕхцатӕ адавыны фӕдыл, фехъусын кодтой Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

Къӕрных - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг сылгоймагӕй адавтой ӕхца ӕмӕ хӕзнатӕ

Зианбаййафӕг сылгоймаг бадӕтта куырдиат милицимӕ ӕмӕ фехъусын кодта барадхъахъхъӕнджытӕн, зӕгъгӕ, 9 октябры йӕ фатермӕ Коцойты Арсены уынгыл ӕрбацыд йӕ зонгӕ сылгоймаг дыууӕ ӕнӕзонгӕ нӕлгоймагимӕ. Фараст мин сомы дзы фесӕфт, уый сбӕрӕг кодта сӕ ацыды фӕстӕ.

"Горӕты мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой фыдгӕнджыты, кӕцытӕ адавтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ Цхинвалы 77-аздзыд цӕрӕг сылгоймагӕй. Фыдгӕнджыты ӕрцахстой горӕты мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Сацхены хъӕуы", — радзырдтой МХМ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы 23-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ Цхинвалы 38-аздзыд цӕрӕг басастысты сӕ фыдракӕндыл. Уыдон ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг адавыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0