Цыппар сыгъзæрины рамбылдтой цхинвайлаг боксертæ Минводты

© Sputnik / Наталья АйриянДзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинæгтимæ
Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинæгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзаутæй æрыздæхтысты Гæджиты Гурам, Багаты Марат, Кокойты Владимир æмæ Бабаты Станислав, æвзист майдантæ та бафтыд Аль-Дамари Алан æмæ Джиоты Арсены къухты

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æрыгон боксерты æмбырдгонд командæ номдзыд тренер Поповы номарæн гом турниры Минводты рамбылдта цыппар сыгъзæрин æмæ дыууæ æвзист майданы, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.

Æмбырдгонд командæйы скондмæ бацыдысты Сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды боксы скъолайы æмæ спорты галуан "Олимп"-ы боксы секцийы хъомылгæнинæгтæ.

Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боксы командæ стох кæндзæн Минводты турниры

"Мæ цыппар хъомылгæнинаджы – Гæджиты Гурам, Багаты Марат, Кокойты Владимир æмæ Бабаты Станислав рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ. Тренер Хаситы Владиславы хъомылгæнинаг Аль-Дамари Алан ссис æвзист призер. Боксы скъолайы тренертæ Кокойты Мурат æмæ Плиты Азæмæты спортсмен Джиоты Арсен дæр ссис дыккаг", — банысан кодта тренер Дзигойты Ацæмæз.

Уый ма бузныг загъта "Международный Расчётный Банк"-ы сæргълæууæг Шадян Вадим æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæр Бибылты Ацæмæзæн — сæ финансон æххуысы фæрцы фæсивæд ацыдысты ерыстæм.

Тохтæ цыдысты 11-13 октябры 2003-2004 æмæ 2005-2006 азы гуырд боксерты ʻхсæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0