Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фæсивæдон форумы Воронежы

© Sputnik / Пресс-служба комитета по молодежной политике Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фæсивæдон форумы Воронежы
Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фæсивæдон форумы Воронежы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форумы нывæзт æххæст цæуы дыууæ ахуырадон модульмæ гæсгæ - "Ӕвзонг политиктæ" æмæ "Ӕвзонг разамонджытæ"

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны студенттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæд хайад исынц Фæсивæдон хæдуынаффæйы органты æппæтуæрæсейон форумы, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина..

Форумы нывæзт æххæст цæуы дыууæ ахуырадон модульмæ гæсгæ — "Ӕвзонг политиктæ" æмæ "Ӕвзонг разамонджытæ".

"Мадзалы фæлгæтты уыдзæн экспертты æмæ форумы уазджыты мастер-класстæ, стæй ма дзы æрбакæндзысты ахуырадон æмæ дискуссион фæзуаттæ. Форумы нысæнтты ʻхсæн ис фæсивæдæй бацæттæ кæнын фидæны аккаг политиктæ, стæй ма æрыгæтты размæцыд æмæ æндæр темæтæ. Хуссар Ирæй мадзалы архайы фондз адæймаджы, сæ нымæцы студенттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæд", — загъта комитеты кусæг Гатыгкоты Валентина.

Форумы архайынц 18-30 кары фæсивæд, æдæппæт 300 адæймаджы.

© Sputnik / Пресс-служба комитета по молодежной политике Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фæсивæдон форумы Воронежы
Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фæсивæдон форумы Воронежы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фæсивæдон форумы Воронежы
Ног хабӕртты лентӕ
0