ПӔК радзырдтой, цал адӕймаджы фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн октябры

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равзӕрстты фӕстиуӕгӕн арӕнсӕтджыты фылдӕры фӕивар кодтой

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Октябры фӕфылдӕр ӕмбӕстӕгты нымӕц, кӕцытӕ фехӕлдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) информацимӕ гӕсгӕ, ивгъуыд мӕйы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой 58 арӕнсӕттӕджы.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент сразы ис арӕнхалджыты ивартӕ фӕфылдӕр кӕныныл

Сентябры арӕнсӕтджыты нымӕц уыд 5 адӕймаг къаддӕр. Октябры 23 арӕнсӕттӕджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 35 та арӕнгӕрон режим. ПӔК пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, арӕнгӕрон службӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагъта равзӕрсттӕ.

Равзӕрстты фӕстиуӕгӕн 48 адӕймаджы фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, дыууӕйы та арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивар бафидынӕй. Ноджы ма аст арӕнсӕттӕджы та бафӕдзӕхстой.

"Иумӕйагӕй, арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 111 500 сомы бӕрц", — бафтыдтой ПӔК.

Уагдоны фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, октябры арӕнгӕрон службӕ сӕххӕст кодта мадзӕлтты комплекс, цӕмӕй сӕхгӕной паддзахадон арӕны проблемон хӕйттӕ. Сӕйраджыдӕр, 1 ноябры райдыдтой куыстытӕ, цӕмӕй сӕвӕрой 1000 метр ӕмбонд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Балтайы хъӕуы цур.

Афтӕ ма ПӔК радзырдтой, административон уӕлархайды мадзӕлтты тых фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй кӕй сарӕзтой ӕмӕ барвыстой хицауадмӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны фехалыны фӕдыл административон бӕрны тыххӕй" закон, кӕцы 2 ноябры райста парламент.

Ног хабӕртты лентӕ
0