Хуссар Иры материалон ӕххуыс бакодтой ӕххуысхъуаг бинонтӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБольница
Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад дарддӕр ӕххӕст кӕны адресон социалон ӕххуыс

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад хыгъдлӕвӕрд радта материалон ӕххуысы тыххӕй ивгъуыд мӕй, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Иумӕйагӕй ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуысы тыххӕй рахицӕн кодтой 1,1 милуан сомӕй фылдӕр.

"Материалон ӕххуыс райстой I ӕмӕ II къорды инвалидтӕ (65 мин сом), 8 сабийы бонтӕй инвалидтӕ (130 мин сом), 60 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (655 мин сом), фондз амӕттаджы бинонтӕ (50 мин сом), 10 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (120 мин сом), цыппар сидзӕры (40 мин сом), 6 ӕмбӕстаджы райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (95 мин сом)", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Адресон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцытӕ сты зын уавӕрты, дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0