Хуссар Иры парламенты спикер баххуыс кодта Хелчуайы цӕрӕг сылгоймагӕн

© Пресс-служба парламента РЮОПетр Гассиев
Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афтӕ ма спикер дзырд радта баххуыс кӕнын карджын сылгоймаджы хӕдзары рудзгуытӕ баивынӕн

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Парламенты спикер Гасситы Петр "Иугонд Ирыстон" партийы номӕй баххуыс кодта Хелчуайы хъӕуы цӕрӕг Мӕлдзыгаты Верайӕн, радзырдтой партийы пресс-службӕйы.

Карджын сылгоймаг бирӕ рӕстӕг цардис зӕронд хӕдзары ӕвзӕр уавӕрты.

"Гасситы Петр ын ӕрхаста хӕлцадтӕ зымӕгмӕ ӕмӕ дзырд радта, кӕй бадӕтдзӕн президентмӕ куырдиат, цӕмӕй рахицӕн кӕна йӕ фондӕй фӕрӕзтӕ Мӕлдзыгаты Верайы хӕдзары рудзгуытӕ баивынӕн", — банысан кодтой партийы.

Парламенты спикер Мӕлдзыгаты Верайы хӕдзарӕй куы рацыд, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты хъӕуы ӕндӕр цӕрджытӕ, кӕцытӕ радзырдтой Гасситы Петрӕн сӕ цӕрӕнуатон фарстыты тыххӕй. Чысиаты Ростик радзырдта, сӕ хӕдзар кӕй бахъыгдард ис ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты рӕстӕджы. Уый бахатыд, цӕмӕй йын йӕ хӕдзар ныппырх кӕной ӕмӕ йӕ бынаты ног саразой.

Гасситы Петр банысан кодта, зӕгъгӕ, фыццаг хъӕуы ныппырх кӕнын хӕдзарӕй цы баззад, уый, стӕй та ӕркӕсын ног хӕдзары арӕзтады фарстмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0