Хуссар Иры МХМ ӕрдзырдтой ИКЦ куысты тыххӕй

© МВД РЮОМинистр внутренних дел Игорь Наниев провел рабочее совещание с руководством и личным составом ИКЦ
Министр внутренних дел Игорь Наниев провел рабочее совещание с руководством и личным составом ИКЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы ӕркастысты центры райрӕзт ӕмӕ организацийы хӕслӕвӕрдты реализацийы дарддӕры къахдзӕфтыл

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Иумӕйаг уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг информацион центры къухдариуӕгад хыгъдлӕвӕрд радта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕгӕн хайады архайды фӕстиуджыты тыххӕй, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ 2016 азы июлы сарӕзтой иумӕйаг информацион-координацион центр (ИКЦ). Йӕ нысаниуӕг у оперативон-ахсджиаг информацийы баивд, фыдгӕнджыты агуырды хъуыддаджы ӕххуыс.

"Кусӕгон рабадт ИКЦ къухдариуӕгад ӕмӕ кусджытимӕ ауагъта МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь. Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой ИКЦ райрӕзт ӕмӕ хӕслӕвӕрдты реализацийы дарддӕры къахдзӕфтыл", — банысан кодтой МХМ.

© МВД РЮОИумӕйаг уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг информацион центры къухдариуӕгад хыгъдлӕвӕрд радта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕгӕн хайады архайды фӕстиуджыты тыххӕй
Министр внутренних дел Игорь Наниев провел рабочее совещание с руководством и личным составом ИКЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иумӕйаг уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг информацион центры къухдариуӕгад хыгъдлӕвӕрд радта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕгӕн хайады архайды фӕстиуджыты тыххӕй

Пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, ИКЦ къухдариуӕгад хыгъдлӕвӕрд радта Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ иумӕйаг куысты фӕстиуджыты тыххӕй фыдракӕндты ныхмӕ тохы.

МХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ ИКЦ директор Болататы Алан ӕрдзырдтой арӕзтады куыстыты тыххӕй, центры территорийы хӕрзарӕзтадыл ӕмӕ сарӕзтой куыстыты дарддӕры нывӕзтытӕ.

ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар

ИКЦ арӕзтады фӕдыл бадзырд бафыстой интеграцийы фӕдыл Бадзырды фӕлгӕтты. Информацион-координацион центры кусджытӕ ныридӕгӕн райдыдтой кусын фарон.

ИКЦ кусджыты фылдӕр хай сты Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытӕ. Иумӕйагӕй дзы кусдзӕн уагдоны 23 кусӕджы ӕмӕ сӕ авд коллегӕйы Уӕрӕсейӕ.

Информацион-координацион центры агъуыст ис "Мӕскуыйаг" микрорайоны цӕгаттаг кӕроны. Объекты арӕзтадон куыстытӕ фӕуд кӕнынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0