Мӕскуыйы ӕрныхас кӕндзысты Хуссар Иры райрӕзт ӕмӕ финанстӕ рахицӕн кӕныны фарстытыл

© Sputnik / Валерий Шустов /  Ахизын медиабанкмæВид на Московский Кремль
Вид на Московский Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты фыццаг хатт хайад райсдзӕн уӕрӕсейаг фарсы ног сӕргълӕууӕг Виталий Мутко

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсӕнхицауадон къамисы XIX рабадты рӕстӕджы ӕркӕсдзысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕм.

Ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рабӕрӕг сты РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты бынат ӕмӕ датӕ

Рабадт ацӕудзӕн Мӕскуыйы 15 ноябры. Рабадты хайад райсдзысты Ӕхсӕнхицауадон къамисы сӕргълӕуджытӕ — Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко.

"Боны фӕткы уыдзысты финансон ӕххуысы фарстытӕ, кӕцы ӕххӕст кӕны Уӕрӕсе Хуссар Ирыстонӕн 2018 азы социалон-экономикон райрӕзтӕн, афтӕ ма 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕ ӕмӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн интеграцийы фӕдыл Бадзырды реализацийӕн", — загътой Sputnik хицауады пресс-службӕйы.

Афтӕ ма рабадты хайадисджытӕ ӕрдзурдзысты 2020-2022 ӕзты Инвестпрограммӕйы арӕзтады фарстытыл.

Ноджы ма Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты рӕстӕджы ӕрныхас кӕндзысты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ахуырады системӕты модернизацийы мадзӕлтты нывӕзтытыл, афтӕ ма цӕрӕнуатон фонды структурӕйы арӕзтадыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0