Ленингоры районы фӕхуыздӕр кӕндзысты медицинон ӕххуыс

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон районон рынчындон бабӕрӕг кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг ӕмӕ уӕрӕсейаг специалисттӕ

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) минӕвӕрттӕ ӕркастысты Ленингоры районон рынчындоны куыстмӕ, хъусын кӕны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Медицинон уагдон бабӕрӕг кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Цоциты Алла ӕмӕ уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь.

"Уыдон ӕркастысты рентгены кабинет, лаборатори ӕмӕ тагъд ӕххуысы хайады куыстмӕ. Бабӕрӕг кодтой стационарон хайады палатӕтӕ. Сӕйраг дохтыры хӕдивӕгимӕ ӕркастысты стационарон пациентты медицинон картӕтӕм, иуӕн дзы ауагътой рентгенологон басгӕрст", — радзырдтой пресс-службӕйы.

Кусӕгон балцы хайадисджытӕ рынчындоны кусджытимӕ иумӕ ӕркастысты ӕнӕпайда медикон ифтонггарзы ӕфтауцмӕ.

Ленингоры рынчындонмӕ балцы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕгимӕ иумӕ ауагътой рабадт, цӕмӕй сӕххӕст кӕной мадзӕлттӕ, кӕцытӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты медицинон ӕххуысы гъӕд ӕмӕ ӕнцонвадат Ленингоры районы цӕрджытӕн.

Сӕйраг цӕстдард уыдзӕн здӕхт рынчындоны медицинон архайды ӕдасдзинадмӕ, бафтыдтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0