Хуссар Иры цӕрӕг хъавыд аласын еугӕфы центнер Гуырдзыстонмӕ

© Пресс-служба КГБ РЮО Еугӕф
Еугӕф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхалӕджы ӕмӕ уаргъы ӕрцахстой, арӕнхъахъхъӕнджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой республикӕйы ӕмбӕстаджы, кӕцы фӕнд кодта ӕнӕзакононӕй аласын Гуырдзыстонмӕ 100 килограммы сырх еугӕф, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

© Пресс-служба КГБ РЮО Еугӕф
Изъятая икра  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Еугӕф

Барадхалӕджы ӕрцахстой Цхинвалы районы Ортъеуы хъӕуы цур паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй.

"Йӕ хӕдтулгӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардтам сырх еугӕфы 100 килограммы, кӕцы хъуамӕ аластаит Гуырдзыстоны территоримӕ", — дзырдӕуы ПӔК хъусинаджы.

ПӔК арӕнгӕрон службӕ ӕрцахста хӕдтулгӕ ӕмӕ уаргъ, уагъд цӕуынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной цауы ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0