Бибылты Анатолий хайад райсдзӕн Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты Мӕскуыйы

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Бибылты Анатолий
Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон Уӕрӕсейы Федерацийы столицӕйы ацӕудзӕн рабадт, кӕцыйы хайад райсдзӕн уӕрӕсейаг фарсы сӕргълӕууӕг Виталий Мутко

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий хайад райсдзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты, кӕцы ацӕудзӕн Мӕскуыйы цыппӕрӕмы, 15 ноябры. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рабӕрӕг сты РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты бынат ӕмӕ датӕ

"Мадзалы фӕлгӕтты фембӕлдзысты къамисы Уӕрӕсейаг ӕмӕ Хуссарирыстойнаг фарсыты къухдариуӕгад ӕмӕ хайадисджытӕ, ацӕудзӕн пленарон рабадт ӕмӕ ӕхсӕнхицауадон къамисы XIX протоколы бафыст", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Рабадты хайадисджытӕ ӕрдзурдзысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон Инвестицион программӕты реализацийыл, 2020-2022 ӕзты Инвестпрограммӕйы арӕзтадыл, афтӕ ма РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕн ӕмгуыстады ӕндӕр фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0