Цы сарӕзтой Хуссар Иры ацы аз: Арӕзтады министры хыгъдлӕвӕрд

© Sputnik / Наталья АйриянРезиденция президента РЮО в поселке Дзау.
Резиденция президента РЮО в поселке Дзау. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр хыгъдлӕвӕрд радта уагдоны сӕйраг сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ фидӕн азмӕ нывӕзтыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрады сӕйраг хӕслӕвӕрд ацы аз уыд 2017-2018 ӕзты инвестицион программӕйы реализаци, радзырдта Паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы республикӕйы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Зӕгъойты Эдуард.

2018 азы сӕйраг объекттыл куыстой 17 нардуатон организацийы, кӕцыты фылдӕр хай сты бынӕттонтӕ. Ацы азы программӕмӕ гӕсгӕ, арӕзтады министрад уагъта куыстытӕ 34 объектыл, се 'хсӕн сты Хъайтарты уынгыл цӕрӕн микрорайон, Паддзахадон драмон театр, президенты резиденцийы комплекс, Ленингоры районы донифтонгад ӕмӕ канализацийы хызӕгтӕ, афтӕ ма медико-социалон центр Ленингоры поселочы.

"Радтам эксплуатацимӕ Ленингоры поселочы скъолайы ног агъуыст. Афтӕ ма поселочы фесты донифтонгад, электрондых ӕмӕ газифтонгады хызӕгты арӕзтады куыстытӕ, сарӕзтой сыгъдӕггӕнӕн станц ӕмӕ трансформаторон дӕлстанц", — радзырдта Зӕгъойты Эдуард.

Арӕзтады министрады хицӕн хъусдард здӕхт у цӕрӕнуаты сӕндидзӕнмӕ. Уагдоны сӕргълӕууӕг рахицӕн кодта ацы здӕхты дыууӕ объекты 2018 азы. Эксплуатацимӕ радтой дыууӕ цӕрӕн корпус Хъайтарты уынгыл, адарддӕр сты Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл 75-фатерон хӕдзӕртты арӕзтадон куыстытӕ.

Стыр парк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уыдзæн аив: Цхинвалы бавнæлдтой Стыр парчы хæрзарæзтадмæ

Цхинвалы уынгты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ арӕзт цӕуынц ӕмгъуыдмӕ. Ацы аз дӕс уынгӕй баззадысты дыууӕ – Руставели ӕмӕ Коцойты Арсены уынгтӕ – кӕцытӕ арӕзтады министрад нывӕнды фӕуын иу къуыримӕ. Афтӕ ма Ленингоры поселочы фесты дыууӕ уынджы хӕрзарӕзтад.

Афтӕ ма Зӕгъойты Эдуард рахицӕн кодта Дзауы поселочы президенты резиденци ӕмӕ столицӕйы центры уазӕгдоны арӕзтад.

"Уазӕгдоны арӕзтад фӕуыдзӕн иннӕ азы кӕрӕттӕм. Афтӕ ма мах райдыдтам Стыр Парчы хӕрзарӕзтад, цы ран ныридӕгӕн ракалдтам хъӕд, сцалцӕг кодтам йӕ цуры уынг ӕмӕ ауӕзт. Афтӕмӕй, ацы объект мах нывӕндӕм радтын эксплуатацимӕ иннӕ аз августы", — бахахх кодта Зӕгъойты Эдуард.

Ног хабӕртты лентӕ
0