Хуссарирыстойнаг депутаттӕ нӕ фембӕлдысты Гуырдзыстоны делегациимӕ

© Пресс-служба парламента РЮОПетр Гассиев
Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕйы ХПӔ бӕстӕты хъуыддӕгтӕ ӕмӕ евразиаг интеграцийы фӕдыл комитет мӕнгӕй равдыста информаци Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны депутатты дыууӕварсон фембӕлды тыххӕй конференцийы рӕстӕджы, кӕцы цыд Мӕскуыйы

ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Мария Шелудякова. Паддзахадон думӕйы 22 ноябры ацыд конференци, кӕцыйы хайад райстой 27 делегацийы 10 бӕстӕйӕ, се хсӕн Абхаз, Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстон. Цалдӕр интернет-рауагъд ныффыстой гуырдзиаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг депутатты дыууӕварсон фембӕлды тыххӕй ӕмӕ аххосджын бакодтой Хуссар Ирыстоны ДИФ-ты информаци бамбӕхсыны тыххӕй.

Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр Хуссар Иры ӔПА-мӕ бахизыныл: Уӕрӕсе ныфс ӕвӕры ӕххуысӕй

Сӕйраг ӕмӕ оппозицион тыхты минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иу фынгыл, цӕмӕй ӕрныхас кӕной ӕхсӕнфракцион ӕмгуыстады дарддӕры къахдзӕфтыл, фехъусын кодта Sputnik Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕйы ХПӔ бӕстӕты хъуыддӕгтӕ ӕмӕ евразиаг интеграцийы фӕдыл комитеты сӕрдары хӕдивӕг Анатолий Середа.

Уый бахахх кодта, гуырдзиаг парти "Альянс патриотов"-ы минӕвӕрттӕ ӕмӕ спикер Гасситы Петры фембӕлды фӕдыл информаци раст нӕу.

"Конференци уыд ӕнтыстджын – иумӕйагӕй сӕххӕст ис 19 официалон фембӕлд, се хсӕн Гасситы Петры баныхас УФ Паддзахадон думӕйы вице-спикер Сергей Неверовимӕ. Гуырдзыстоны делегаци дӕр ауагъта цалдӕр фембӕлд. Фӕлӕ Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегациты дыууӕварсон фембӕлд нӕ сӕххӕст", — банысан кодта Анатолий Середа.

Уый ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны фракциты минӕвӕрттӕ ӕмхуызон бартимӕ бадтысты иу фынгыл конференцийы пленарон рабадты рӕстӕджы.

Конференцийы рӕстӕджы Гасситы Петр фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фӕндон ХПӔ бӕстӕты Ӕхсӕнпарламентон ассамблеймӕ бахизыны тыххӕй.

РХИ парламенты спикер Гасситы Петр ӕмӕ парти "Единая Россия" фракцийы сӕрдар Сергей Неверовы фембӕлды рӕстӕджы ныхас кодтой ӕхсӕнфракцион ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыссыны тыххӕй "Иугонд ирыстон" ӕмӕ "Единая Россия" партиты ӕхсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0