Цхинвалы фæзындзæн IT-скъола

© Depositphotos.com / DragonImagesКомпьютерон кълас
Компьютерон кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырадон уагдон фæзындзæн социалон проекты фæлгæтты фæсивæдон форумы гранты фæрæзтæй

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры сæйраг сахары æрбалæугæ азы фæзындзæн IT-скъола. Проект æххæст цæуы уæрæсейаг фæсивæдон форум "Московские каникулы"-йы фæсаууонмæ конкурсы гранты фæрæзтæй, фехъусын кодта Sputnik йæ автор, ХИПУ студент Тедеты Азæмæт.

IT-скъолайы æрбаконд ныридæгæн фæстиат кæны бынатимæ проблемæ.

"Социалон проект сæххæст кæнынæн мын ис рæстæг 2019 азы кæроны онг. Нымад у æртæ мæйыл, фæлæ нæ фæнды аддардæр кæнын йæ куыст. Ныридæгæн нын нæ архайд къуыхцы кæны, нæ бон скъолайæн хатæн ссарын кæй нæу. Арендæ та лæууы 40-50 мин сомы", — загъта Тедеты Азæмæт.

IT-скъолайы æмрæстæджы бындурон зонындзинæдтыл цайдагъ кæндзысты 8 ахуырдзауы.

Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон мобилон æмхасæнты автор райста грант фæсивæдон форум "Машук"-ы

"Техникæ æрцыд æлхæд, ис нæм 8 компьютер æмæ ноутбук ахуыргæнæгæн, стæй ма проектор. Амондзысты "программирование"-йы сæйраг фадгуытæ æмæ раззагондæр уддзæфтæ – веб-дизайн, Swift, сайттæ саразын æмæ æндæртæ. Нырма дæтдзыстæм бындурон зонындзинæдтæ, фæстæдæр та вазыгджындæр æмвæзадмæ ахиздзыстæм. Иу аз хъæуы рæстæг, цæмæй ахуырдзау базона программæ", — загъта уый.

Авторы ныхæстæм гæсæгæ, ацы проектыл уый архайы 2015 азæй фæстæмæ.

"Фыццаг хатт проектыл кусын райдыдтон 2015 азы фæсивæдон форум "Машук"-ы архайды рæстæджы, дыккаг аз æй бавдыстон ацы фæсивæдон фæзуаты, фæлæ Хуссар Ирыстоны проекттæ финансон ифтонг нæ цыдысты. Фæлæ мæ ацы хъуыддаг фæндыд адарддæр кæнын. Фæсивæдон мадзал "Московские каникулы"-йы архайгæйæ мын бауынаффæ кодтой йæ фæсаууонмæ форуммæ раразмæ кæнын мæ проект æмæ рамбылдтон грант, 2018 азы 300 мин сомы бæрц райстон, — бафтыдта уый.

Ахуырадон объекты "программирование"-йы бындуртæ амондзысты ХИПУ ахуыргæнджытæ æмæ Хуссар Ирæй ацæугæ специалисттæ.

"Кусдзысты нæм ХИПУ-йы минæвар Джиоты Александр, мæхæдæг, программист Харебаты Алан, кæцы ныридæгæн кусы Америкæйы, цæттæ у махæн æххуыс кæнын дистанцион æгъдауæй, Табуты Сослан æмæ æндæр специалисттæ, кæцытæн ис æнгæс скъолатæ Цæгат Ирыстоны. Фыццаг æртæ мæйы алчидæр кусдзæн æнæаргъæй", — балхынцъ кодта Тедеты Азæмæт.

Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, IT-скъола чи фæуа, уыдон исдзысты сертификаттæ, скъола ма дæтдзæн куыстифтонгады фадæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0