Кӕдӕм кӕсынц ныййарджытӕ: Цхинвалы ӕрцахстой нозтджын ӕнахъом шофыры

© Пресс-служба МВД РЮОПАИ
ПАИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнахъом шофыры фыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар ӕмӕ скъӕрыны барты байст

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Нозтджын 16-аздзыд ӕнахъомы, кӕцы скъӕрдта ВАЗ-21074 хӕдтулгӕйыл, ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ. Шофыры ӕрурӕдтой рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы республикӕйы столицӕйы 8 Июны уынгыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Мах фӕдзырдтам барадхалӕджы ныййарджытӕм ӕмӕ сӕ цуры ӕнахъом ацыд медицинон басгӕрст, кӕцы сбӕрӕг кодта, лӕппу кӕй уыд нозтджын", — банысан кодта Паддзахадон автоинспекцийы батальоны командир Коцты Алим.

Ӕнахъом ӕмӕ йӕ ныййарджыты фӕдыл сарӕзтой ӕмӕ барвыстой тӕрхондонмӕ административон протокол. Ныр ӕнахъомы фыдмӕ, куыд хӕдтулгӕйы хицаумӕ, афтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар, афтӕ ма иу аз ӕмӕ ӕрдӕг азмӕ скъӕрыны бартӕ байсын.

"Хӕдтулгӕ скъӕрын ис гӕнӕн ӕрмӕстдӕр адӕймагыл 18 азы куы сӕххӕст уа, уӕд. Ныййарджытӕ ӕнахъоммӕ хӕдтулгӕ куы раттынц, уӕд фыдбылызы баппарынц сӕ сывӕллон ӕмӕ фӕндагон змӕлды ӕндӕр хайадисджыты. Ӕнахъомты архайдты бӕрн сӕхимӕ исынц ныййарджытӕ дӕр", — банысан кодта Коцты Алим.

Ног хабӕртты лентӕ
0