Цхинвалы уынгтӕй иу сцалцӕг кӕндзысты цӕрджыты хъасты фӕстӕ

© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ Сталины уынджы цур къуымауы инвестицион программӕйы фӕрӕзтӕй уагъд нӕ цӕудзысты

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Цоциты Игорь ӕрдзырдта республикӕйы президентимӕ Цхинвалы уынгтӕй иуы ӕвзӕр уавӕрыл. Фембӕлды фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, аскъуыддзаг кодтой сцалцӕг кӕнын уынг ацы аз сӕрды, хъусын кӕны закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Депутатӕн радзырдтой Цхинвалы уынджы уавӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рыг ӕмӕ цъыф: депутатӕн радзырдтой Цхинвалы уынджы уавӕры тыххӕй

Депутат фембӕлд Сталины уынджы цур къуымауы цӕрджытимӕ ноябры кӕрӕтты. Уыдон хъаст кодтой фӕндаджы ӕвзӕр уавӕры тыххӕй, кӕцы сын хӕссы бирӕ проблемӕтӕ.

Ацы проблемӕимӕ Цоциты Игорь бадзырдта Хуссар Ирыстоны президентмӕ ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы парламентмӕ нӕй фӕрӕзтӕ, цӕмӕй уынгыл асфальт сӕвӕрой.

"Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы мах ӕрдзырдтам ацы проблемӕйыл. Банысан кодтам, ацы уынгыл кӕй сты РХИ паддзахадон архив ӕмӕ реабилитацион центр "Ныфс"-ы агъуыстытӕ, йӕхӕдӕг уынг стыр нӕу, ӕмӕ йӕ уый фӕдыл мах сцалцӕг кӕндзыстӕм нӕхи фӕрӕзтӕй", — радзырдта депутат.

Цоциты Игорь бахахх кодта, зӕгъгӕ, паддзахады сӕргълӕууӕг дзырд радта, ацы къуымау кӕй сцалцӕг кӕндзысты 2019 азы сӕрды.

Ног хабӕртты лентӕ
0