Цал хатты фехӕлдтой Хуссар Иры паддзахадон арӕн: ПӔК-ы хатдзӕгтӕ ноябрӕн

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иу фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik, Козаты Диана. Ӕмбӕстӕгты нымӕц, кӕцытӕ фехӕлдтой ноябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим, фӕфылдӕр ис ивгъуыд мӕймӕ абаргӕйӕ.

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы фехъусын кодтой, 2018 азы ноябры паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл кӕй ӕрцахстой 69 арӕнсӕттӕджы. Октябры уыдон уыдысты 58.

"23 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 46 та арӕнгӕрон режим. ПӔК арӕнгӕрон службӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагъта равзӕрсттӕ", — радзырдтой уагдоны.

Арӕнсӕтджыты ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас. 52 адӕймаджы фӕивар кодтой, дыууӕйы та фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ.

Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК радзырдтой, цал адӕймаджы фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн октябры

"14 арӕнсӕттӕджы бафӕдзӕхстой, иуы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддаг паддзахадон арӕн ӕнӕзакононӕй ахизыны тыххӕй", — банысан кодтой ПӔК.

Иумӕйагӕй, арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 117 500 сомы бӕрц.

Афтӕ ма 10 ӕмӕ 18 ноябры арӕнгӕрон службӕ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хайӕдтимӕ иумӕ аиуварс кодтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстагон змӕлд "Тых Иудзинады" хайадисджыты провокацион архайд Знауыры районы Исахъхъы хъӕуы цур.

ПӔК-ы ма фехъусын кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн семӕ хъуамӕ уа паспорт, кӕнӕ паспорты ксерокопи, арӕнгӕрон зонӕмӕ куы цӕуой, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0