Срӕвдз кодтой куыст: наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайад 2018 хатдзӕгты тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮО МХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ хайады кусджытӕ сбӕрӕг кодтой 16 фыдракӕнд фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) криминалон милицийы наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады хатдзӕгтӕ скодтой 2018 азы куыстӕн.

Цыппӕрӕмы, 6 декабры, наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ банысан кодтой сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий ИКЦ арӕзтады тыххӕй: хъӕуы аиуварс кӕнын фиппаинӕгтӕ

МХМ пресс-службӕйы банысан кодтой, фарон азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ хайады кусджытӕ кӕй сбӕрӕг кодтой 22 фыдракӕнды, кӕцытӕ баст сты наркотикон ӕмӕ психотропон буарадты ӕнӕзаконон ӕрзылдимӕ. Фарон хайад сбӕрӕг кодта республикӕйы территорийыл ӕхсӕз фыдракӕнды.

"Хайады кусджытӕ ӕнӕзаконон ӕрзылдӕй систой гӕны 800 граммы. Афтӕ ма ауагътой оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, сӕ нысан уыд сбӕрӕг кӕнын гоймӕгты, кӕцытӕ зайын кӕнынц наркотикон буарадтимӕ зайӕгойтӕ. 11 мӕймӕ барадхъахъхъӕнджытӕ байстой гӕны 500 къутӕры", — загъта МХМ пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ наркотикон, психотропон буарадтӕ ӕмӕ ӕууилгӕ тамако "снюс" ӕмӕ "насвай" парахат кӕныны тыххӕй.

"Ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ хайады кусджытӕ сбӕрӕг кодтой 16 фыдракӕнды фылдӕр. Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕххӕст кодтам наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады куыст сактивизаци кӕныны тыххӕй", — хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ криминалон милицийы хистӕры хӕдивӕг Козаты Александры ныхӕстӕ.

Наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайадтӕ фӕзындысты ССРЦ МХМ структурӕйы 1991 азы 6 декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0