Хицауады сӕрдар: Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн 2022 азмӕ

© Фото очевидца2020-2022 ӕзты инвестпрограммӕмӕ бахастой столицӕйы 24 уынджы хӕрзарӕзтад
2020-2022 ӕзты инвестпрограммӕмӕ бахастой столицӕйы 24 уынджы хӕрзарӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2020-2022 ӕзты инвестицион программӕмӕ бахастой столицӕйы 24 уынджы хӕрзарӕзтад

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад хъуамӕ фӕуа радон инвестицион программӕйы реализацийы рӕстӕджы, фехъусын кодта республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

"Мах хъуамӕ фӕуӕм уынгты хӕрзарӕзтад фидӕны ӕртӕазон инвестицион программӕйы реализацийы рӕстӕджы", — радӕтта Пухаты Эрикы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Хицауад нывӕнды бахӕссын 2020-2022 ӕзты инвестпрограммӕмӕ столицӕйы 24 уынджы хӕрзарӕзтад, афтӕ ма горӕт Къуайса ӕмӕ Ленингоры поселочы уынгты арӕзтад.

Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Иры араздзысты фӕндӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕнуат

Пухаты Эрик бафтыдта, зӕгъгӕ, республикӕйы къухдариуӕгады сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕй иу у саразын комфортон уавӕртӕ адӕмӕн.

"Социалон-цардуатон инфраструктурӕйыл баст у адӕмы хорз цард, сӕ социалон уавӕртӕ. Уый баст у ӕрмӕст комфортон фӕндӕгтыл нӕ, фӕлӕ ма социалон-культурон объекттыл дӕр", — загъта Пухаты Эрик.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны столицӕйы сцалцӕг кодтой дӕс уынджы: Джыгкатй Шамилы, Тӕболты Сергейы, Нарты, Руставели, Къуайсайы, Аланты, Коцойты Арсены, Чиаты Иосифы, Коцты Гри ӕмӕ Димитровы уынгтӕ.

Фидӕн аз инвестицион программӕйы фӕлгӕтты сцалцӕг кӕндзысты ноджы аст уынджы: Уӕлахизы, Остъаты ӕфсымӕрты, Лермонтовы, Гаглойты Рутены, Гаглойты Хазбийы, Гафезы, Харебаты Исахъхъы уынгтӕ ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл фӕндзӕм скъолайы цур къуымау.

Ног хабӕртты лентӕ
0