Транскам сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр

Рафыссын
Митуард ӕмӕ зӕйтӕ ссисты автомагистраль сӕхгӕныны аххосаг

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Транскавказон автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстон, сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам нырма ӕхгӕд у уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн:куыст къуылымпы кӕны митуард

"12.00 сахатӕй фӕстӕмӕ Транскам сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты, цалынмӕ сӕрмагонд уынаффӕ рахӕссой, уӕдмӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Раздӕр Транскамыл тобӕ сӕвӕрдтой уӕзласӕн автотранспотр скъӕрыныл — фӕндаг сӕхгӕдтой дыццӕджы 19.45 фӕстӕмӕ стыр миты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0