Хуссар Ир фехъусын кодта йӕ фӕнд сфидар кӕнын арӕн НАТО-йы ахуырты фоныл Гуырдзыстоны

Рафыссын
Женевайы ацыд Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы фӕстаг раунд ацы азы. Хуссарирыстойнаг делегаци фехъусын кодта фембӕлды фӕстиуджыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр дӕр фидар кӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн, фехъусын кодтой республикӕйы минӕвӕрттӕ Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон фембӕлды рӕстӕджы.

Уничтоженная база российских миротворцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнӕсӕрфат тыхми: Уӕрӕсейы ФХМ Хуссар Ирыстоны хӕсты тыххӕй

Женевайы 12 декабры фӕцис дискусситы кӕронбӕттӕнон раунд ацы азы. Фембӕлды хайад райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ делегацитӕ, афтӕ ма Евроцӕдис, ООН ӕмӕ ОБСЕ минӕвӕрттӕ дӕр.

"Хуссарирыстойнаг делегаци бахахх кодта, дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзысты Гуырдзыстонимӕ арӕн ӕмӕ дзы сараздзысты ӕмбӕлгӕ инженерон агъуысттӕ. Афтӕ ма ногӕй ӕрсидтысты гуырдзиаг фарсмӕ, цӕмӕй иумӕ кусой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны демаркаци ӕмӕ делимитацийыл", — дзырдӕуы хуссарирыстойнаг делегацийы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвӕртты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, НАТО-йы ӕмгуыстад Гуырдзыстонимӕ кӕй райтынг ис.

"Сӕйраджыдӕр, нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы ӕфсӕддон аэродромы арӕзтад Вазианийы ӕмӕ егъау бирӕнационалон ахуыртӕ, кӕцытӕ уагъд цӕудзысты 2019 азы. Бамбарын сын кодтам, ӕфсӕддон ахуыртӕ Хуссар Ирыстоны арӕны цур, цы ран хайад исдзысты НАТО-йы ӕфсӕдтӕ, гӕнӕн ис фехалой регионалон ӕдасдзинад", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситӕ, цы ран хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстоны УФ, АИШ, ООН, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ, уагъд цӕуынц 2008 азӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0