Транскам ӕртыккаг бон у ӕхгӕд

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы, сӕхгӕдтой ӕртыццӕджы тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Козаты Диана. Цӕгат Ирыстоны фӕндагон службӕтӕ дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц Транскавказон магистраль мит ӕмӕ зӕйтӕй, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мит хуссары, зӕйтӕ цӕгаты: Транскам нырма дӕр у ӕхгӕд

Транскамы уылты автотранспорты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой ӕртыццӕджы 12.00 сахатӕй фӕстӕмӕ стыр мит ӕмӕ зӕйты тыххӕй.

"Ручъы туннелы хуссар фарс фӕндаг сыгъдӕг у, автотранспорты змӕлдӕн цӕлхдуртӕ нӕй. Фӕндаг ссыгъдӕг кӕныныл кусынц цӕгатирыстойнаг фӕндагон службӕтӕ. Знон уыдон сӕхӕдӕг ӕруагътой зӕйтӕ", — загътой УУМ.

Уагдоны пресс-службӕйы банысан кодтой, хӕхты нырма бирӕ мит кӕй ис, уый фӕдыл абон дӕр зӕйты сӕхӕдӕг ӕруадздзысты.

Пресс-службӕйы нӕ загътой, кӕд байгом кӕндзысты фӕндаг ӕмӕ банысан кодтой, зӕгъгӕ, алцыдӕр баст у боныгъӕд ӕмӕ фӕндагон службӕты куыстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0