Банымады юбилей ӕмӕ ног театр: азы цаутӕ Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянБанымады бон Хуссар Иры
Банымады бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 2018 азы сӕйраг цаутӕ Sputnik редакцийы версимӕ гӕсгӕ

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады юбилей

Ацы аз Хуссар Ирыстон банысан кодта республикӕйы хӕдбардзинады банымадыл дӕс азы сӕххӕст. Нысаниуӕгджын датӕмӕ цӕттӕ кодта ӕнӕхъӕн бӕстӕ, бӕрӕгбон та цыд цалдӕр боны. Равдысттӕ, концерттӕ, армукъатӕ, хорзӕхтӕ — хӕдбардзинады банымад фыццаг хатт нысан кодтой ахӕм егъау масштабы.

Сӕйраг цау уыд егъау равдыст "Хуссар Ирыстон. Хъӕбатырдзинады истори" республикон стадионыл Цхинвалы.

2008 азы августы хӕсты дӕсӕм афӕдзы бон

ХУссар Ирыстоны ӕрымысыдысты дӕс азы размӕ трагикон цаутӕ. 2008 азы августы гуырдзиаг ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой Цхинвалмӕ, ныппырх кодтой сӕдӕгай хӕдзӕрттӕ ӕмӕ агъуыстытӕ, фӕмард сты сабыр цӕрджытӕ, уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ.

Республикӕйы ӕрвылаз цӕуынц мысӕн мадзӕлттӕ. Традицимӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны сӕвӕрдтой дидинджытӕ "Сыгъд удты музеймӕ", Цхинвалы та ацыд мысӕн митинг. Дӕс азы фӕстӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой хӕсты хъайтартӕ Джиоты Азӕмӕт ӕмӕ Багаты Амиранӕн цырт.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад Сирийы рдыгӕй

2018 азы сӕйраг политикон цау уыд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад Сирийы рдыгӕй. Сири ссис фӕндзӕм паддзахад, кӕцы официалонӕй банымадта Хуссар Ирыстоны суверенитет. Фарсытӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.

Фӕстӕдӕр САР официалон балцы уыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кӕцы бафыста ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд Башар Асадимӕ. Фарсытӕ ма бафыстой ноджы цалдӕр бадзырды ӕмӕ сбӕрӕг кодтой ӕмгуыстады фыццаг къахдзӕфтӕ.

РХИ президенты фыццаг официалон балц Сербаг Республикӕмӕ

Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ацыд Сербаг Республикӕмӕ 8 — 13 январы президент Милорад Додикы ӕрхуындмӕ гӕсгӕ.

Балцы рӕстӕджы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сербаг Республикӕ бафыстой ӕмгуыстады бадзырд. Афтӕ ма президент Бибылты Анатолий фембӕлд сербаг политикон архайджытимӕ.

ЛАР сӕргълӕууӕджы фыццаг официалон балц Хуссар Ирыстонмӕ

Декабры Хуссар Ирыстонмӕ фыццаг хатт официалон балцы ӕрцыд Луганскы Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник. ЛАР сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты йӕ бинойнаг ӕмӕ Луганскы хицауады уӕнгтӕ.

Балцы рӕстӕджы бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстон ӕмӕ ЛАР ӕхсӕн. Хуссар Ирыстоны президент баныфсӕвӕрдта, республикӕ кӕй араздӕн алцыдӕр, цӕмӕй размӕ кӕна донбассаг адӕмы интерестӕ.

Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй

Июны Цхинвалы фыццаг хатт ацыд ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй, кӕцы Гасситы Мурӕты ӕнтыстыты фӕстӕ ссис спорты тынг популярон хуыз фӕсивӕды ӕхсӕн. Турниры хайад райстой боксертӕ Китай, Хъӕрӕсе-Черкес, Краснодар, Латви ӕмӕ Узбекистанӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы изӕр Цхинвалы
Международный турнир по боксу среди профессионалов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы изӕр Цхинвалы

Турнир ацыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы ӕххуысы руаджы. Йӕ организатортӕ уыдысты ӕхсӕнадӕмон змӕлд "Ирон Легион", Хуссар Ирыстоны боксы федераци ӕмӕ промоутерон комани "Урал Бокс Промоушен".

Ӕхснадӕмон турнир профессионалон боксӕй фӕцис ирон спортсменты триумфӕй. Фондз "Iron legion"-агæй иуы тох ахицæн ис æмдыхæй, аннæтæ ныддæрæн кодтой сæ ныхмæлæуджыты — дыууæйæ рамбылдтой техникон нокауттæй.

Театры баконд

Иууыл ахсджиагдӕр культурон цау ивгъуыд азы уыд Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бӕрӕгбонон баконд. Ацы бонмӕ актертӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты 13 азӕй фылдӕр.

Ирон адӕмы Уанел

Театры баконды хӕдразмӕ ацыд ирон адӕмы дӕсӕм уанел, кӕцыйыл ӕрӕмбырд сты 27 диаспорӕйы минӕвӕрттӕ ӕппӕт дунейӕ. Фембӕлды сӕйраг фарстытӕ уыдысты хуссар ӕмӕ цӕгаты ирӕтты иудзинад, мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ архитектурӕйы цыртты бавӕрын.

© Sputnik / Наталья АйриянЮбилейон дӕсӕм уанел
Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юбилейон дӕсӕм уанел

Цхинвалы "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанелы равдыстой ӕмӕ сфидар кодтой 2021 азмӕ архӕйдты нывӕзт.

"Ирон рок" — дыккаг хатт Цхинвалы

Хуссар Ирыстоны культурон царды ноджы иу мадзал уыд "Ирон-рок"-ы дыккаг фестиваль, кӕцыйы ӕрӕмбырд сты фыдыбӕстӕйон рокы уарзджытӕ. Фестиваль уыд нывонд республикӕйы хӕдбардзинады банымады юбилейӕн.

Медицинон кластеры сырӕзт

Хуссар Ирыстоны ацы аз сарӕзтой медицинон кластер, кӕцы баиу кодта медицинон организацитӕ иууылдӕр иу комплексы. Йе скондмӕ бахызтысты сывӕллӕтты ӕмӕ республикон рынчындӕттӕ, гуырӕн хӕдзар, Цхинвалы горӕтон поликлиникӕ, Цхинвалы районон поликлиникӕ, туберкулезы ныхмӕ диспансер, тагъд ӕххуысы станц.

Поэт Бахъаты Нугзары мӕлӕт

Хъыгагӕн, аз нӕ ахицӕн ӕнӕ трагикон цаутӕй дӕр — 87 азы кары йæ цардæй ахицæн зынгæ ирон публицист, поэт, педагог æмæ æхсæнадон архайæг, Хуссар Иры парламенты цыппæрæм æрсидты депутат, фысджыты цæдисы уæнг, культурæйы сгуыхт кусæг Бахъаты Нугзар.

© Sputnik / Наталья АйриянБахъаты Нугзары зианы
Похороны Нугзара Бакаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бахъаты Нугзары зианы

Номдзыд литературон архайӕг, 16 чиныджы автор, ныууагъта ахадгæ литературон бынтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0