Транскам сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Магистралы уылты змӕлд ӕрӕхгӕдтой 13.00 сахатӕй фӕстӕмӕ сӕрмагонд бадзырды онг тыхджын митуарды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik. Транскавказон автомагистраль сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн дӕр ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"Транскавказон автомагистралы уылты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой 2018 азы 26 декабры 13.00 сахатӕй фӕстӕмӕ сӕрмагонд бадзырды онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Раздӕр, 11.30 сахатыл фӕндаг ӕрӕхгӕдтой уӕзласӕн транспортӕн хуссарирыстойнаг фарсыл. Тыхджын митуард хъыгдары фӕндагон службӕты сыгъдӕг кӕнын фӕндаг.

Транскавказон автомагистраль цӕуы хӕхтыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0