Фæндагон службæтæ сног кодтой Транскамыл сыгъдæггæнæн куыст

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн иунæг фæндаг зæйты аххосæй нырма дæр у æхгæд

ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik. Фæндагон службæтæ ногæй бавнæлдтой Транскавказы автомагистралы уæлцъар миты хъæпæнтæй сыгъдæг кæнынмæ, хъусын кæны Хуссар Иры УУМ.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сыгъдæг кæнынц митæй: фæндаг нырма æхгæд у

"Цæгат Ирыстоны фæндагон æмæ зæйты ныхмæ тохы службæтæ сног кодтой Транскамы автомагистралы митæй сыгъдæг кæнынмæ. Транскамы хуссар фарс у сыгъдæг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Амæй размæ УУМ фехъусын кодта трассæмæ кæй ʻрцыд 18 зæйы, кæцытæ аскъуыдтой фæндагон змæлд.

Фæндагон змæлд Транскамыл æрурæдтой къуырисæры стыр митуарды æмæ зæйты аххосæй, уæд фæндаджы куыст фæкъуылымпы ис æртыккаг хатт. Уымæй размæ, 4 январы, Транскамы фæндагон змæлд уыд тобæгонд æнгæс аххосæгтæм гæсгæ.

Транскамы хуссарирыстойнаг фарс у сыгъдæг митæй æмæ цæттæ у куыстмæ, банысан кодтой УУМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0