Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой скъолаты цӕттӕдзинадыл зымӕгмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСкъола-интернат Цхинвалы
Скъола-интернат Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдар ӕмӕ ахуырады министр ӕруынаффӕ кодтой, куыд цӕттӕ сты скъолатӕ дыккаг семестрмӕ

ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты цӕттӕдзинадыл дыккаг ахуырадон семестрмӕ ӕруынаффӕ кодтой  хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, ахуырады министр Гасситы Натали ӕмӕ экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Зымӕгон рӕстӕг ахуырадон уагдӕтты ӕххӕстгуырахстджын куысты фӕдыл бӕрндзинад фӕфылдӕр вӕййы, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы лӕмбынӕг хъус дарын, цӕмӕй скъолатӕ ифтонг цӕуой хъармдзинад ӕмӕ хӕлцадӕй", - банысан кодта премьер-министр.

Гасситы Натали та радзырдта столицӕ ӕмӕ районты скъолаты уавӕры тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, уыдон цӕттӕ кӕй сты ног семестры райдианмӕ. Скъолаты бацӕттӕ кӕныны рӕстӕджы уӕлдай хъусдард здӕхт уыд ахуырдзауты ӕдасдзинад сифтонг кӕнынмӕ.

Рабадты рӕстӕджы ма дзырд цыд скъолаты ӕртагӕй сифтонг кӕныны фарстыл дӕр. Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕрмад дизелон ӕртаджы фӕрцы цы скъолаты ис, уыдон бынтондӕр ницы проблемӕтӕ ӕвзарынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0