УУМ: Транскам ӕхгӕд уыдзӕн ноджы иу суткӕ

Рафыссын
Траскамыл сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕ къуылымпы цӕуынц стыр зӕйтӕ ӕмӕ бирӕ миты аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik. Транскамыл автомобилон змӕлд сног кӕнын абон нӕ бантысдзӕн, кӕд ӕмӕ фӕндагон ӕмӕ зӕйты ныхмӕ службӕтӕ кусынц трассӕ асыгъдӕг кӕныныл, уӕддӕр, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндагон службæтæ сног кодтой Транскамыл сыгъдæггæнæн куыст

Уагдоны банысан кодтой, сыгъдӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕджы рацыд тынг стыр зӕй, кӕцы йӕ быны фӕкодта фӕндаджы 80 метрон фадыг.

"Ныры онг фехстой фондз зӕйтӕй тӕссаг бынаты, ӕруагътой фондз зӕйы. Фӕндагыл миты бӕрзӕнд хизы аст метрмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

УУМ банысан кодтой, уыйбӕрц мит асыгъдӕг кӕнынӕн кӕй бахъӕудзӕн дзӕвгар рӕстӕг, уымӕ гӕсгӕ абон фӕндагон змӕлд сног кӕнын нӕ бантысдзӕн.

Транскамы хуссарирыстойнаг фарс у сыгъдæг митæй æмæ цæттæ у куыстмæ, бафтыдтой УУМ.

Фæндагон змæлд Транскамыл æрурæдтой къуырисæры стыр митуарды æмæ зæйты аххосæй, уæд фæндаджы куыст фæкъуылымпы ис æртыккаг хатт. Уымæй размæ, 4 январы, Транскамыл фæндагон змæлд уыд тобæгонд æнгæс аххосæгтæм гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0