Хуссар Иры фæцис фæззыгон æрсидт

© Минобороны РЮОХуссар Иры фæцис фæззыгон æрсидт
Хуссар Иры фæцис фæззыгон æрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæйы дæргъы сидтонтæ цæудзысты æфсæддон цæттæдзинад, уый фæстæ райсдзысты ардхæрд

ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æфсæддон комиссариаттæ балхынцъ кодтой æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидт, хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Националон гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны кæронмæ бахæццæ фæззыгон æрсидт

"Ӕфсæддон дохтырты басгæрсты фæстæ тагъд службæйы солдаттæ ацыдысты ротæмæ, Хъахъхъæнынады министрады фæлтæрд офицерты дæлбармæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Мæйы дæргъы сидтонтæ ахуыр кæндзысты райдайæн æфсæддон цæттæдзинад æвзонг хæцæджы нывæзтмæ гæсгæ.

Цæудзысты æхсын æмæ рæнхъы лæууыны ахуыртæ – сидтонтæн бацамондзысты хæцæнгарз æмæ æнæ уымæй архайын, йæ райхалын æмæ йæ сæмбырд кæнын.

"Ӕфсæддон горæты территорийыл сидтонтæн арæзт æрцыдысты иттæг хорз уавæртæ, ифтонг сты хæлцы æппæт хуызтæй", - бафтыдтой уагдоны.

Сидтонтæ æфсæддон цæттæдзинад рацæуыны фæстæ райсдзысты ардхæрд æмæ сæ арвитдзысты хицæн ахуыргæнæн ротæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0