Президент: алы министр дæр хъуамæ хыгъд сараза йæ афæдзы куыстæн

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министрæдты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ хъуамæ æрбавдисой 2018 азы сæ куысты фæдыл хыгъдлæвæрдтæ республикæйы къухдариуæгад æмæ депутаттæн, банысан кодта президент

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта хицауадæн февралы кæрæттæм бацæттæ кæнын хыгъдлæвæрд сæ афæдзы куыстæн.

Махъоты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Завод, Елизавета æмæ къахдзоныгъты спорт: Дзауы районы скодтой хатдзæгтæ ацæугæ азæн

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 25 февралы онг министрæдты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ хъуамæ æрбавдисой 2018 азы сæ куысты фæдыл хыгъдлæвæрдтæ республикæйы къухдариуæгадæн. 

"Афтæ ма алы министр дæр хъуамæ ралæууа Хуссар Иры парламенты раз дæр. Министртæй дарддæр ма хыгъд хъуамæ сараза Генералон прокуратурæ дæр æмæ цæттæ уа депутатты фарстытæн сдзуапп кæнынмæ", - загъта Бибылты Анатолий хицауады рауæрæхгонд рабадты.

Уымæй дарддæр ма, бафтыдта президент, 21 январы онг алкæцы министрад æмæ уагдон дæр хъуамæ æрбавдисой хицауадмæ 2019 азæн куысты нывæзт.

Ног хабӕртты лентӕ
0