Зæйтæ æмæ митуард: Транскам у æхгæд дыккаг бон

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трассæйыл фæндагон змæлдыл тобæ сæвæрдтой дыццæджы изæры

ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik, Козаты Диана. Æнæрлæугæ митуард хæхты фадат нæ дæтты Транскавказы автомагистралыл фæндаг сыгъдæг кæнынмæ бавналынæн, загътой Sputnik Хуссар Иры УУМ пресс-службæйы.

Транскам сæхгæдтой дыццæджы æхсæвы стыр митуарды аххосæй. Трассæйыл фæндагон змæлд тобæгонд у ныр цыппæрæм хатт азы райдайæнæй. Амæй размæ фæндаг æхгæд уыд къуырийы бæрц.

"Фæндагыл æрцыд цалдæр зæйы. Знон изæрæй нырмæ хæхтыл тынг уары мит. Ахæм уавæрты фæндагон æмæ зæйы ныхмæ тохы службæтæн сæ бон нæу бавналын трассæ сыгъдæг кæнынмæ", - банысан кодтой УУМ.

Уагдоны ма загътой, синоптикы прогнозтæм гæсгæ, мит кæй уардзæн соммæ.

Агентады ныхасæмбал бафтыдта, зæгъгæ, Транскамы хуссар фарс у сыгъдæг æмæ цæттæ эксплуатацимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0