Транскамыл ракалд къæдзæх

© МЧС РЮОТранскамыл авари
Транскамыл авари  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лæбырды дуртæ сæ быны акодтой рог хæдтулгæйы, йæ шофыр бахауд рынчындонмæ

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Транскамы автомагистралыл, Чъехы зæронд хидмæ хæстæг, ракалд къæдзæх. Цау æрцыд майрæмбоны 16.05 сахатыл, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службæйы.

"Цхинвал-Гуфтайы трассæйыл, Чъехы зæронд хидмæ хæстæг, ракалд къæдзæх. Фæндагмæ цы дуртæ ркалд, уыдон бахъыгдардтой рог хæдтулгæйы. Йæ шофыр цæфтимæ бахауд рынчындонмæ", - загъта уагдоны пресс-секретарь.

Уагдоны банысан кодтой, ныридæгæн æмбæлон службæтæ сты бынаты, сгарынц цау.

© МЧС РЮОТранскамыл ракалд къæдзæх
Транскамыл ракалд къæдзæх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамыл ракалд къæдзæх
Ног хабӕртты лентӕ
0