Цхинвал-Донецк: "AllonFilm" равдисдзæн йæ киноныв ДАР-ы

© AllonfilmАфишæ "Вдевятером"
Афишæ Вдевятером - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг националон киностуди "AllonFilm" равдисдзæн йæ документалон киноныв "Фарастæй иумæ" æфсымæрон республикæ ДАР-ы горæттæ Иловайск æмæ Донецкы, Бекъойты Вано æмæ Руслан Каболоти сæххæст кæндзысты хæстон æмæ хъабатырон зарджытæ

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Националон киностуди "AllonFilm" æмæ Донецкы Ӕхсæннацион æхсæнадон организаци "Землячество Алании" ауадздзысты хæрзаудæн мадзал ДАР-ы "Подарившим мирное небо! Чтоб не забылась та война".

2008 аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Багаты Амираны къордыл киноныв раивдзысты уырыссаг æвзагмæ

Ӕртæ боны дæргъы документалон кинонывы руаджы донецкаг кæсæджы базонгæ кæндзысты Хуссар Иры тугамæхст историимæ, фехъусын кодта Sputnik киностудийы разамонæг Мамиты Григорий.

ДАР-ы 31 январæй 3-æм февральмæ хицæн фæзуатты æвдыст цæудзæн документалон киноныв "Фарастæй иумæ", концертон программæты архайдзысты Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Бекъойты Вано, Ӕхсæнадæмон конкурсты лауреат Руслан Каболоти æмæ Ӕхсæнадæмон конкурсты лауреат Галина Караченцова (Зæгъойты).

"Ацы æхсæнадон хæрзаудæн мадзал Ӕхсæннацион æхсæнадон организаци "Землячество Алании"-йæн ДАР-ы у фыццаг. Йæ фæлгæтты Донбассы цæрджытæн равдисдзысты кинонывтæ, ацæудзæн чингуыты презентацитæ, æххæст æрцæудзысты театралон æмæ концертон программæтæ Паддзахад Аланийы æмæ Цæгат Иры культурон архайджыты хайадисттæй", - загъта Мамиты Григорий.

Уый ма банысан кодта, мадзал саразынæн сын кæй баххуыс кодта хицауад.

"Ацы республикæ æййафы, Хуссар Ир цы зындзинæдтæ рацыд, уыдон æмæ нæ бафæндыд ныццæуын культурон нывæзтимæ. Нæ хъæппæрисы фарсмæ рбалæууыд паддзахады разамонæг Бибылты Анатолий дæр. "Фарастæй иумæ" бавдисдзыстæм уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй, цæмæй уым дæр арфдæр банкъарой нæ историйы хъæбатыр æмæ тугамæст сыфтæ", - загъта уый.

Премьера документальных фильмов Allonfilm - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ничи ферох: Цхинвалы равдыстой дыууӕ киноныв хӕсты хъайтарты тыххӕй

Документалон фильм "Фарастæй иумæ" таурæгъ кæны ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уырысы æххуысы ʻрцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады. Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды командир Багаты Амиран йæ къордимæ 2008 азы хæсты æрлæууыд столицæмæ ныгуылæнæй бырсæг гуырдзиаг æфсæддонты раз. Уыцы къорд фараст адæймаджы скондæй æрурæдта æфсады æрбабырст. Хæсты архайджыты æвдисæнтæм гæсгæ, знаджы хотыхджын æфсады нымæц хызт фондз сæдæйæ. Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера) фæмард сты ацы тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0