Бибылты Анатолий: Хуссар Ир кӕддӕриддӕр йӕ зӕрдыл дардзӕн Науруйы ӕххуыс

Хуссар Ир ӕмӕ Науруйы президентты фембӕлд
Хуссар Ир ӕмӕ Науруйы президентты фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, дыууӕварсон ӕмгуыстад кӕй кӕндзӕн фидарӕй фидардӕр

ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Науруйы президент Барон Вакайӕн Республикӕйы Хӕдбардзинады боны цытӕн, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг лидеры пресс-службӕ.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар: Хуссар Иры ФХМ Никарагуайы банымады тыххӕй

Йӕ арфӕйы телы Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адӕм кӕддӕриддӕр сӕ зӕрдыл кӕй дардзысты Науруйы къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджыты ӕххуыс.

"Мах никуы ферох кӕндзыстӕм, не взонг паддзахады историйы иууыл зындӕр периодтӕй иуы нӕм уе 'ххуысы къух кӕй фӕдаргъ кодтат", - загъта президент.

Уый ма бахахх кодта, дыууӕварсон ӕмгуыстад дарддӕр кӕй кӕндзӕн фидарӕй фидардӕр.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта йӕ науруйаг коллегӕйӕн фӕрныгад ӕмӕ дидинӕфтыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0