"Растдон"-ӕн фӕстӕмӕ ратдзысты хъалонты хай, фехъусын кодта Хуссар Иры ХФК сӕргълӕууӕг

© Sputnik / Наталья АйриянРастдон
Растдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстуатӕн ратдзысты бафыстгонд хъалонты хай фӕстӕмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ уый сӕрибар ӕрцыд уӕлӕмхасӕн аргъы фиддонӕй, банысан кодта Кацты Владимир

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитет (ХФК) ратдзӕн фыдызгъӕлы завод "Растдон"-ӕн уӕлӕмхасӕн аргъыл хъалоны суммӕ, кӕцы бафыста куыстуат, загъта комитеты сӕргълӕууӕг Кацты Владимир.

Фыдызгъӕлы завод "Растдон" райдыдта уадзын фыдызгъӕлы продукци "Нӕртон" маркӕйы 2017 азы июлы. Йӕ продукци ис республикӕйы алкӕцы стыр дуканийы дӕр.

"Проекты реализацийы рӕстӕджы нардуатон организацитӕ ластой республикӕмӕ алыгъуызон арӕзтады ӕрмӕджы, хъалонон комтитеты хыгъдмӕ истой уӕлӕмхасӕн аргъы хъалон. Ацы проект кӕй ссӕрибар кодтой ацы хъалонӕй, уый фӕдыл хъӕуы раттын фӕстӕмӕ 10 милуан сомы", - бахахх кодта Кацты Владимир пресс-конференцийы рӕстӕджы РХИ мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ куыстуат ахӕм бӕрцуаты нӕ кусы, цӕмӕй хорз фида хъалонтӕ.

Кацты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг миллиард: Хуссар Иры ХФК бюджеты рекордон ӕфтиаджы тыххӕй

"Иу кварталы куыстуат бафиды 200-300 мин сомы. Сӕ фылдӕр сты физикон гоймӕгтӕй ӕфтиӕгтӕ. Дӕс милуан сомы уӕлдай бафыстой, ӕмӕ уыцы суммӕйӕ фыстой ныры хъалонтӕ. Фӕлӕ куыстуатӕн проблемӕтӕ кӕй фӕзынд, уый тыххӕй республикӕйы къухдариуӕгад ӕрӕвӕрдта хӕслӕвӕрд раттын фӕстӕмӕ ацы суммӕ, цӕмӕй куыстуатӕн фадат уа хорз куыст кӕнын", - радзырдта Кацты Владимир.

Комитеты сӕргълӕууӕг бафтыдта, ныртӕккӕ ацы фарст скъуыддзаг кӕй цӕуы, ӕмӕ сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕхцатӕ фӕстӕмӕ ратдзысты, фидӕны та куыстуат фиддзӕн хъалонтӕ ӕнӕхъӕнӕй.

ХФК сӕргълӕууӕг банысан кодта ӕндӕр стыр организациты дӕр, кӕцытӕ фарон фӕфылдӕр кодтой хъалонты суммӕ - хуыйӕн фабрикӕ БТК-4 бафыста хъалонтӕ 46 милуан сомы бӕрц, "Остелеком" та - 94 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0