Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ фембӕлдысты арӕныл

© Sputnik / Михаил ХасиевИӔАМ, Хуссар Ир
ИӔАМ, Хуссар Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хайадисджытӕ ӕрдзурдзысты арӕнгӕрон районты уавӕрыл ӕмӕ инциденттыл, кӕцытӕ ӕрцыдысты раздӕры фембӕлдӕй фӕстӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 8 фев - Sputnik. Ацы аз фыццаг фембӕлд инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИӔАМ) форматы райдыдта майрӕмбоны райсом Эргнеты хъӕуы районы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвары пресс-службӕ.

"Боны фӕткы актуалон фарстыты ӕхсӕн сты инциденттӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты арӕнгӕрон районты фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ.

ИӔАМ форматы фӕстаг раунд ацыд декабры. Уӕд фембӕлд уыд фыццаг 2018 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ, хуссарирыстойнаг делегаци куы рахаста протест ӕмӕ ацыд рабадтӕй. Уыцы къахдзӕф расидт ног хабар, ома Гуырдзыстон райдыдта агурын Хуссар Ирыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы – Гуырциаты Давид ӕмӕ Таботы Аликы, кӕцыты Тбилис аххосджын кӕны сӕ ӕмбӕстаг Арчил Татунашвилийы мӕлӕты.

ИӔАМ-ы форматы фембӕлдтӕ уадзынц иудадзыгӕй 2009 азӕй фӕстӕмӕ. Уыдоны хайад исынц Хуссар Ирыстоны, Уӕрӕсейы ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, ӕмӕ сӕ уадзынц ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0