Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс

© Sputnik / Наталья АйриянЦъоны дӕлвӕз
Цъоны дӕлвӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны адӕм апырх сты Цъоны къуылдымыл, ацы хъӕу уый бӕрц уазджытӕ никуы ма федта, уыдон дзоныгътӕ, хи конд дзоныгътӕ, къахдзоныгътӕ, сноубордтӕ ӕмӕ ватрушкӕтыл фӕлвӕрдтой хӕххон митыл сӕ амонд

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Цъоны хъӕуы къуылдыммӕ Дзауы районы разамынад ӕрхуыдта адӕмы зымӕгон бӕргбонмӕ. Сӕдӕгай адӕймӕгтӕ, чысыл сабитӕй президенты онг, сфӕлвӕрдтой сӕхи къахдзоныгътыл бырынӕй. Иууыл рӕвздӕртӕ фӕхайджын сты лӕвӕрттӕй паддзахады разамонӕг ӕмӕ Дзауы районы къухдариуӕгадӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦъоны дӕлвӕз
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз

Дзауы районы Къуыдаргоммӕ фӕндаггӕрон ӕвӕрд хъӕу Цъон федзӕрӕг, цӕрӕн пункт уый бӕрц адӕм фӕстагмӕ никуыуал федта. Сӕдӕгай адӕймӕгтӕ аппырх сты Цъоны къуылдымыл, алыхуызон зымӕгон транспортыл – дзоныгътӕ, хи конд дзоныгътӕ, къахдзоныгътӕ, сноубордтӕ ӕмӕ ватрушкӕтӕ фӕлвӕрдтой хӕххон митыл сӕ амонд. Йӕхи дзоныгътӕ чи не ʻсамал кодта, уыдон цӕрдӕг искӕй ӕнӕкаст дзоныгъыл къуылдымӕй бынмӕ бырыдысты.

Сфӕлхат кӕндзыстӕм "Зымӕгон бӕрӕгбон"

Хӕххон къахдзоныгъты спорты федераци йӕ цӕст куы ӕрӕвӕрдта Цъоны уырдыгыл, уӕд районы разамынад дӕр сфӕнд кодта йӕ хайбавӕрд бахӕссын зымӕгон спорты хуызтӕ райтынг кӕнынмӕ – сарӕзтой "Зымӕгон бӕрӕгбон" Цъоны. Ӕрхуыдтой адӕм районӕй, Къуыдаргомӕй ӕмӕ столицӕйӕ. Цъон ӕвӕрд у Къуыдаргомы къӕсӕрыл, иу сахат ӕмӕ ӕрдӕг хъӕуы рӕстӕг цӕмӕй сӕлӕфӕй змӕст Цхинвалӕй бахауай миты ахӕсты цӕрӕг урс-урсид хъӕумӕ. Ам нырма дӕр у 15-20 азы размӕ ма-иу Хуссар Ирыстоны фӕзбынат ӕвӕрд хъӕуты дӕр стыр мит куы кодта, ахӕм уавӕр.

© Sputnik / Наталья АйриянЦъоны дӕлвӕз
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз

"Суынаффӕ кодтам ам саразын зымӕгон бӕрӕгбон. Ауагътам ерыстӕ къахдзоныгътыл бырынӕй чызджыты ӕмӕ лӕппуты ʻхсӕн. Ацы аз нӕм расидтысты Къостайы азӕй ӕмӕ ӕнтысджындӕрты схайджын кодтам Къостайы хуызистимӕ зӕрдылдарӕн нысӕнттӕй", - загъта районы разамонӕг Махъоты Уырызмӕг.

Зымӕгон бӕрӕгбонмӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд уыдаид фылдӕр сывӕллӕттӕ - цалдӕр автобусы ӕрдӕг фӕндагӕй аздӕхта миттымыгъ.

"Хъуамӕ фылдӕр сывӕллӕттӕ уыдаид абоны мадзалы, фӕлӕ ӕрдӕгфӕндагӕй аздӕхтысты. Уымӕ гӕсгӕ мах нӕ зымӕгон бӕрӕгбон сфӕлхат кӕндзыстӕм ам, науӕд та Кърозы бырӕнтыл", - бафтыдта районы хистӕр.

Ӕрдз ӕй сфӕлдыста бырынӕн

Хӕххон къахдзоныгътыл бырыны трассӕ кӕд нырма нывыл арӕзт нӕу, уӕддӕр организатортӕ бацархайдтой улӕфджыты цард фӕрог кӕнын, сӕвӕрдтой хъармгӕнӕн цатыртӕ, кӕцытӕ-иу бааууон кодтой адӕмы зымӕгон уазал ӕмӕ ӕххормагӕй. Цалынмӕ ӕмбӕлон уагыл трассӕ арӕзт нӕу, уӕдмӕ ам бӕндӕн фӕндаджы ивта трактор, кӕцы хӕццӕ кодта стартон фӕзуатмӕ бырджыты.

© Sputnik / Наталья АйриянЦъоны дӕлвӕз
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз

Хӕххон къахдзоныгъты спорты федерацийы хистӕр Тедеты Лерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цъон ӕвӕрд у 1700 бӕрзӕндӕн, ацы трассӕйыл уӕлӕмхас кусын нал хъӕуы, ӕрдз ӕй йӕхӕдӕг сфӕлдыста бырынӕн.

"Гӕнӕн ис мӕ дзы 1500-1800 метры дӕргъӕн трассӕ сӕвзӕра. Бырӕн фӕндаджы иу гӕппӕл ис кӕйдӕр къухы, хицауад скъуыддзаг кӕны ацы фарст. Самарайаг специалисттӕ йӕ банымадтой нывыл трассӕйыл, Хуыцау нын ӕй цӕттӕйӕ схӕлар кодта, уӕлӕмхас кусын нал хъӕуы", - загъта Тедеты Лери.

Уый ма радзырдта, хицауады ʻрдыгӕй дӕр ис ӕмбарынад ӕмӕ йӕ ныфс ис "ӕввахс рӕстӕджы ам фӕзындзӕн бӕндӕн фӕндаг ӕмӕ Хуссар Ир йӕхи бавдисдзӕн зымӕгон улӕфӕн зонӕйӕ".

Уыдзӕн хӕххон курорт йӕхи инфраструктурӕимӕ

Цалынмӕ ам ӕххӕстаргъ трассӕ ис, уӕдмӕ уал Федерацийы уӕнгтӕ ӕрвыл хуыцаубон ардӕм хонынц адӕмы. Зымӕгон улӕфт у ӕнӕаргъӕй. Паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий йӕхӕдӕг трассӕ сфӕлварыны фӕстӕ ныфс радта, ацы хъуыддаг ӕнӕхъусдард кӕй нӕ баззайдзӕн.

© Sputnik / Наталья АйриянЦъон
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъон

"Бузныг Тедеты Лерийӕн адӕмы кӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бауарзын кодта къахдзоныгъты спорт. Сывӕллӕтты спортыл кӕй цайдагъ кӕны, уый у стыр хъуыддаг. Хицауады тыхы цыдӕриддӕр уа, уый сараздзыстӕм, цӕмӕй ам уа æххæстаргъ курорт. Фыццаг уыд дзырд, ӕввахс рӕстӕджы нын уыдзӕн фадӕттӕ, цӕмӕй ам сӕрӕза курорт йӕхи инфраструктурӕимӕ", - баныфсӕвӕрдта президент.

Фӕссихорты рабӕрӕг кодтой къахдзоныгътыл ерысты уӕлахиздзауты. Чызджыты ʻхсӕн ерыстӕ рамбылдта Якубова Янита, лӕппуты ʻхсӕн иуууыл цӕрдӕг уыд Хуыгаты Руслан. Иууыл ӕнтыстджындӕртӕ райстой хорзӕхтӕ президентӕй ӕмӕ районы разамынадӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦъоны дӕлвӕз. Ерыстӕ
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз. Ерыстӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0