Хуссар Иры фӕзындзӕн ӕнӕматериалон культурон бындуры объектты реестр

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны парламент
Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕнӕматериалон культурон бындуры объектты падддзахадон реестр уыдзӕн рӕувадат, банысан кодтой парламенты

ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты националон политикӕ, культурӕ, ахуырад, ДИФ, дин ӕмӕ зонады фӕдыл комитеты уӕнгтӕ ӕрдзырдтой республикӕйы ӕнӕматериалон культурон бындуры объектты падддзахадон реестры арӕзтадыл. Хъӕппӕрис фехъусын кодтой "Республикӕ Хуссар Ирыстоны национ культурон хӕзнаты фӕдыл" ӕмӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕматериалон культурон бындуры бахъахъхъӕныны фӕдыл" законты проекттӕм ӕркасты рӕстӕджы, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Парламент Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрывналдзысты республикӕйы национ хӕзнатӕ хъахъхъӕнынмӕ

Реестры арӕзтады нысаниуӕг у объектты паддзахадон хыгъд, реестр уыдзӕн рӕувадат, банысан кодта комитеты сӕрдар Гӕбӕраты Юрий.

"Физикон ӕмӕ юридикон госмӕгтӕ ӕххуыс кӕндзысты паддзахадӕн ссарын ӕмӕ бавӕрын ӕнӕматериалон культурон бындуры объекттӕ. Афтӕмӕй законы проекты руаджы фӕзындзӕн эффективон механизм, кӕцы контроль кӕндзӕн ахастытӕ ацы фадыджы", - бахахх кодта Гӕбӕраты Юрий.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны национ культурон хӕзнаты фӕдыл" законы тыххӕй Гӕбӕраты Юрий загъта, национ культурон хӕзнатӕ бавӕрын ӕмӕ сӕ пайда кӕнын кӕй у паддзахадон органты иууыл ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрдтӕй иу ӕмӕ паддзахад хъуамӕ сараза уавӕртӕ, цӕмӕй бавӕра ацы объекттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0